X-PDF

ИРОН АДÆМЫ ÆГЪДÆУТТÆ ÆМÆ ХИ ДАРЫНЫ УАГ

Поделиться статьей

                      ИРОН АДÆМЫ ÆГЪДÆУТТÆ ÆМÆ ХИ ДАРЫНЫ УАГ

 

Адæмыхаттæн йе ’гъдæуттæ куынæ зонай, уæд ын йæ истори нæбамбардзынæ. Исты хабар æрцæугæйæ, сæхи куыд æвдыстой адæм? Хи куыд дардтойхæдзары мидæг æмæ æхсæнады? Уыцы фарстытæн дзуапп разындзæн сæ историйы.

 

Ирæтты æхсæнадон царды адæм алцыдæр кодтой æргомæй, фæсаууонницы хабар æмбæхстой. Кады хъуыддагæй, æгадæй — цыдæриддæр сæм цыдис, уыйалчидæр зыдта, алы адæймаг дæр æй уыдта æргом. Ирыстоны æппæтæй стырдæр хорзæхуыди, адæймагæн йæ амæлæты фæстæ йæ ном куыдæй баззайдзæн, уый. Адæм зарджытызарыдысты тохы хъæбатыртыл. Худинаджы зарæг та-иу скодтой тæппудыл, кæнæфæлитой лæгыл.

 

Быцæутæ, хылтæ, стæй фыдгæнды хъуыддæгтæн тæрхон кодтойсæрмагонд лæгты къорд. Тæрхонгæнджытæй æззæрстой дзырддзæугæ лæгты, адæмы æхсæнкад æмæ рад кæмæн уыд, ахæмты. Цы тæрхон рахастаихкой, уымæнæнæ сæххæст хос нæуыд.

 

Ирæттæм уæлдай цытджын уыди зæронд лæг. Бинонты æхсæн дæр æмææппæт адæмы астæу дæр зæрæдтæн кодтой кад, æгъдау. Стыр аргъ уыди сæфæлтæрддзинадæн, сæ уынаффæтæн, сæ зонды ныхæстæн. Æрыгæттæ хистæрты цур не’рбадтаиккой æмæ сæ дзыхæй дзырд не суагътаиккой. Ныхасгæнджытæм сæ дзырд нæбаппæрстаиккой, куы ничи сæ фарстаид, уæд.

 

Буц хистæртæ сæ кæрæдзи æхсæн мысыдысты рагон бæгъатырты сгуыхтыхабæрттæ, сæхæдæг се ’рыгонæй цыхæстон уылæнты бахаудысты, уыдæттæ. Ракодтой-иунæлгоймæгты кой дæр, æнæуаг ныхас кæй дзыхæй схаудис, æнаккаг ми йæ сæрмæ чи’рхаста, уыдонæн уайдзæфæн. Сæ хъус тынг дардтой фæсивæды уагмæ. Уыдæттæиууылдæр ирон адæймагæн уыдысты карз скъола хæрзæгъдауы фæндагыл æй сæвæрынæн.Адæмыцæст уынаг у, уый чидæриддæр зыдта æмæ йæхи хорз дарыныл архайдта. Лæгаулæг хъуамæ уа кад æмæ рады адæймаг. Намыс нымад уыди цардæй зынаргъдæрыл.«Æгады цардæй мæлæт хуыздæр» — уый дын ирон адæймаджы нысан, кæмдæриддæр æмæкæддæриддæр уыцы фæткæй иуварс нæ хызтис.

 

Ирон лæджыхъæдыл нымадта раст æмæ æргом дзурын, ныхасæн хицаууæвын æмæ æмгары зæрдæхудты нæ цæуын. Æппæтæй сæйрагдæр та йæ миниуджыты уыдибахъуаджы сахат хиуыл нæ бацауæрдын, суанг мæлæты сæр райсыны онг. Йæхъæбатырдзинад, мæлæты цæстытæм кæсгæйæ, бирæ зарджыты баззадис ирон лæгæн.Уыимæ адæм аргъ кодтой æмбæлгæ хъæбатырдзинадæн, æнæхъуаджы æнæсæрфат сонтсгуыхтæн нæ, фæлæ. Уымæн æмæ хатгай амæлын æнцондæр вæййы кады хæс кæронмæахæццæ кæнынæй. Зæгъæм, мæлæты сæр æнцондæр райсæн у Райгуырæн бæстæбахъахъхъæнынæй, кæнæ бартыл тох кæнынæй.

 

Уæлдай кадджындæр нæлгоймагыл нымадтой, йæхиуыл хæцын чифæрæзта, йе ’нкъарæнты рохтыл хæцын кæй бонуыд, уый. Адæмы цæсты уæлдай кадкодтой мадзурайæ уæздан æмæ фæразон лæгтæн, хæцæнгарз йæ къухмæ исты ахъаззагхабарæй фæстæмæ чи нæ иста, ахæмтæн. Хæдзонд, уæздан лæг йæ сæрмæ нæ хастайæхицæй лæмæгъдæры афæлдахын, кæнæ æдыхдæры абырсын. Æнæ хæцæнгарз лæгмæ та йæкъух дæр ничи систаид.

 

Йæ сабийы бонтæй фæстæмæ ирон сывæллоны ахуыр кодтой хи дарыныæгъдæуттыл, аив дзурыныл, зарын æмæ кафыныл, дыууадæстæнон, кæнæ хъисынфæндырæй цæгъдыныл. Алы ирон дæр зыдта йæ мыггаджы равзæрд, йæ фыдæлты цыт, æмæсæрыстыр уыд сæ намысæй; йе’гъдауæй, йæ уагæй хъахъхъæдта хистæрты намыс,архайдта мыггаджы цæсгом нæ фæчъизи кæныныл.

 

Мыггаг та дзуапдæттæг уыдысты се ’хсæн алкæй тыххæй дæр. Кæд,æмæ дзы искæй амардæуыдаид, кæнæ фæцæфчындæуыдаид, уæд хæстæджытæ, хионтæ,мыггаг æмхуызонæй сыстадаиккой йæ сæрыл, райстаиккой сæ хæс. Афтæмæй-иу хатгайтуджджынтæ рахастой цалдæргай фæлтæртæ.

 

Туджджынты бафидауыны хæс сæхимæ истой адæм æмхуызонæй. Кæд æмæ,кæй амардæуыд, уымæн ма йæ ныййарæг цардис, уæд фидыды нысанæн уый хъуамæйæхицæн фыртыл банымадтаид йæ туджджыны. Уый тыххæй туджджын æгъдаумæ гæсгæхъуамæ фæхъæстæ уыдаид мæрдджын сылгоймаджы æхсыры цъырттæй.

 

Туджджыны аххос æмхуызонæй сæхимæ истой йæ мыггаг.Уый охылчысылæй-стырæй, зæрондæй-ногæй æнæхъæн мыггаг сæ зонгуытыл хъуамæ бацыдаиккойзианы хæдзармæ. Лæг амарын ирон адæм нымадтой æбуалгъ тæригъæдыл.

Представленная информация была полезной?
ДА
59.38%
НЕТ
40.62%
Проголосовало: 1167

 

Туг сылгоймагæй ничи иста. Сылгоймаг сæ туджджын мыггаджы æхсæнкуы лæууыдаид, уæддæр æм дзырдхъом ничи уыд, ничи йæ бафхæрдтаид. Ирон лæджыхæс уыд сылгоймагæн аргъ кæнын. Йæ бафхæрынæй та йæхи фегад кодтаид кæцыфæндыхорз лæг дæр. Сылгоймæгты цур нæлгоймаг тызмæг ныхас нæ кодта, хæцæнгарзмæ не’внæлдта. Цыфæнды хъаугъа дæр уайтагъд фæсыкк уыдаид, сылгоймаг хылгæнджытыцурмæ куы базындаид, уæд. Ирон сылгоймаг кæддæриддæр зыдта, нæлгоймаг ын кадæмæ æгъдау кæй скæндзæн, стæй йын бахъуаджы сахат æххуыс дæр кæй фæуыдзæн, уый.Сылгоймагæн салам лæвæрдтой лæугæйæ, нæлгоймæгтæ-иу сæ бадæнæй сыстадысты,афтæмæй. Стæй йын йæ фæндаг дæр никуы лыг кодтой. Сылгоймагимæ иумæ цæугæйæ танæлгоймаг хъуамæ цыдаид галиуырдыгæй фарс.

 

Алы адæмæн дæр йæ æгъдæуттæ сты удгоймаджы хуыздæр миниуджытæхъомылгæнæг, лæг тыхджындæр, зæрдæрайгæдæр, рæдаудæр цæй ахъазæй кæны, уыдон.Ирон адæм куыннæ федтой бирæ хъизæмæрттæ, бирæ фыдæбæттæ. Фæлæ афтæмæй уæддæрсе ’ргом никуы раздæхтой хæрамдзинад æмæ æнаккаг митæм, никуы сæ бауагътой æввахссæ кадджын æмæ карз æгъдæуттæм. Ироны зæрдæмæ никуы цыдысты къæрныхтæ,фæлитойтæ, цæстфæлдахджытæ, сайæгойтæ, къулбадджытæ, æнæфсарм, æнæбон хъалтæ,Суанг ма-иу хионты зæрдæ дæр фæхудтис, уазæгæн æгъдау чи нæ радтаид, кæнæфæдисмæ чи нæ ракастаид, уыдоныл.

 

Ирон адæм æууæндыдысты сæхи дзуæрттыл æмæ сæм куывтой æххуысмæдæр. Хуымгæнæг йæ зæрдæ дардта æрвнæрæг Хоруациллайыл, йæ хуымтæ йынбахъахъхъæндзæн ихдзагъдæй, зæгъгæ. Фыййæуттæ куывтой бирæгъты бардуаг Тутырмæ,сæ фос сын нæ бахъыгдарыны лæгъстæмæ. Фысты бардуаг Фæлвæра та хъуамæ ахъазкодтаид дзугты нымæц рæзынæн. Цуанæтты рæствæндаджы хорзæх аразгæ уыд Æфсатийæ.Тохы быдырмæ, кæнæ дард фæндагмæ цæугæйæ та кувын хъуыд Уастырджийæн —фæндараст фæуыны тыххæй.

 

Раст зæгъгæйæ, Уастырджийæ фылдæр никæмæн куывтой ирон адæм.Уымæн æмæ уыцы дзуар у нæлгоймæгты, хæстон лæгты æмæ фæндаггæтты бардуаг,рæстзæрдæ æмæ хæрзæгъдау, хæдзонд адæмы хъахъхъæнæг, хуыснæджыты æмæ лæгмартызнаг.

 

Адæмы цæстытыл Уастырджи уайы æрдхæрæны барæджы хуызы, йæ урсбæхыл бадгæ. Ирæттæ æнхъæл уыдысты, цыма Уастырджи уæлæрвтæй зæхмæ дæр арæхæрхизы. Æмæ, дам, мæгуыр зæронд лæджы хуызы бацæугæйæ йæ цæст ахæссы адæмыл,кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц, цы мигæнæг сты, уыдæттыл. Стæй бафхæры, искæйхъыгыл, искæй тыхстыл чи нæ хъыг кæны, чи нæ тыхсы, уыдоны.

 

Рагон ирон адæмы æгъдæутты тыххæй бирæ бакæсæн ис чингуыты, бирæфехъусæн ис хистæр фæлтæртæй. Бирæ хорз æгъдæуттæ нæм баззад абоны онг уæдызаманæй. Æмæ уый хорз у. Хи адæмы æгъдæуттæ æнæмæнг зонын хъæуы кæмæндæриддæр.Æрмæст уæд раст аргъ кæнын базондзынæ иннæ адæмты æгъдæуттæн дæр. Стæйбамбардзынæ, алы адæмты æгъдæуттæ кæрæдзи æнгæс кæй сты, уый.

 

Зæгъын хъæуы, иннæ адæмты хуызæн ир дæр кæй тарстысты æрмæстдыууæ хъуыддагæй — æгадми æмæ тæригъæд хъуыддаг бакæнынæй. Æмæ уый сæ къухыæфтгæ дæр кодта. Æгад митæй ирвæзтысты сæ хæдзонды, сæ лæгдзинады фæрцы.Тæригъæд митæй та сæ бахызтой се ’фсарм, фыдæлты намыс æмæ зæрдæйыпарахатдзинад.

 


Поделиться статьей
Автор статьи
Анастасия
Анастасия
Задать вопрос
Эксперт
Представленная информация была полезной?
ДА
59.38%
НЕТ
40.62%
Проголосовало: 1167

или напишите нам прямо сейчас:

Написать в WhatsApp Написать в Telegram

ОБРАЗЦЫ ВОПРОСОВ ДЛЯ ТУРНИРА ЧГК

Поделиться статьей

Поделиться статьей(Выдержка из Чемпионата Днепропетровской области по «Что? Где? Когда?» среди юношей (09.11.2008) Редакторы: Оксана Балазанова, Александр Чижов) [Указания ведущим:


Поделиться статьей

ЛИТЕЙНЫЕ ДЕФЕКТЫ

Поделиться статьей

Поделиться статьейЛитейные дефекты — понятие относительное. Строго говоря, де­фект отливки следует рассматривать лишь как отступление от заданных требований. Например, одни


Поделиться статьей

Введение. Псковская Судная грамота – крупнейший памятник феодального права эпохи феодальной раздробленности на Руси

Поделиться статьей

Поделиться статьей1. Псковская Судная грамота – крупнейший памятник феодального права эпохи феодальной раздробленности на Руси. Специфика периода феодальной раздробленности –


Поделиться статьей

Нравственные проблемы современной биологии

Поделиться статьей

Поделиться статьейЭтические проблемы современной науки являются чрезвычайно актуальными и значимыми. В связи с экспоненциальным ростом той силы, которая попадает в


Поделиться статьей

Семейство Первоцветные — Primulaceae

Поделиться статьей

Поделиться статьейВключает 30 родов, около 1000 видов. Распространение: горные и умеренные области Северного полушария . многие виды произрастают в горах


Поделиться статьей

Вопрос 1. Понятие цены, функции и виды. Порядок ценообразования

Поделиться статьей

Поделиться статьейЦенообразование является важнейшим рычагом экономического управления. Цена как экономическая категория отражает общественно необходимые затраты на производство и реализацию туристского


Поделиться статьей

или напишите нам прямо сейчас:

Написать в WhatsApp Написать в Telegram
Заявка
на расчет