X-PDF

Конспект урока по осетинской литературе в 7 классе Коцойты Арсен Дадолты мæт

Поделиться статьей

Темæ. Коцойты Арсен Дадолты мæт

Нысан.1.Коцойты Арсены царды хабæрттæй цыбыр зонинæгтæ, цымыдисаг цаутæ.

2.Æрдзурын радзырды мидисыл, зианхæссæг  æгъдæуттæн цы  æппæрццæг фæстиуджытæ  уыд ирон адæмы царды, ууыл.

3.Дæснытыл æууæндын-фæстæзонд зондахаст.

Урочы цыд.I. Организацион хай.

II.Хæдзармæ куыст бафæрсын.

1.     Куыд æвдыст  цæуынц  зымæгон  нывтæ  радзырд  Цард-ы æмæ  сын  цы  нысаниуæг  ис?

2.     Фысгæ куыстытæм  байхъусын  æмæ  сын  аргъ  скæнын.

3.     Куыд æрвыстой  хъæздгуытæ  сæ  рæстæг?

4.     Цæмæн сын  афтæ  бæстон  æвдисы  сæ  цард  автор?

5.     Цавæр ахаст  равдыста  фыссæг  йæ  персонажтæм?  Цæмæй  йæ бамбæрстат?

6.     Цы у  уацмысы  сæйраг   хъуыды?

 

III.Ног æрмæг.

1.Ахуыргæнæджы  раныхас.

 Коцойты  Арсены  цардвæндаг

 

 

Коцойты  Бибойы  фырт  Арсен (Габоци),зындгонд ирон фыссæг. Райгуырдис  1872-æм  азы  16 январы Джызæлы, амардис  Дзæуджыхъæуы  1944-æм  азы  4  февралы.
Коцойты  Арсен  нымад  у  ирон  аив  
прозæйы  бындурæвæрджытæйиуыл.
Фараст  азы  йыл куы цыди, уæд  æй  радтой  хъæуы  райдайæн скъоламæ.  Ам  разынд хорз 
чиныгдон,æмæ  лæппу  фæцалх  ис  чингуытæ  кæсыныл. Скъола  каст  куы  фæци,  уæд бацыдис  Æрыдоны  семинармæ,  ам  тынгдæр  айста йæ зæрдæмæ  литературæ,  уæлдайдæр  Къостайы зарджытæ.  Баззад  ахæм  хабар дæр: фараст  æмбалимæ  иуахæмы  Арсен  фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ  Къостайы уынынмæ.

Йæ  æнæниздзинад  хорз  кæй  нæ  уыд, уый  аххосæй каст  нæ  фæци семинар. Сыздæхтис   Джызæлмæ   æмæ   бавдæлдис  фыссынмæ.  Ардыгæйæрвыста  алыхуызон  уацхъуыдтæ  газеттæ  Терскиеведомости,Казбек æмæ  æндæртæм. 1895 азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.
Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæжурналты Тбилисы (Калачы), Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæррæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ:Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).
1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл Тбилисы уагъта алкъуырион журнал
Æфсир,кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры[1], уæддæр ацыжурнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. Æфсирыфыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.

 

Æфсирæхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет Правдайыкорректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорззыдта).
Арсенуыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзтæмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй,— фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй Джыккайты Шамил. Йæ цалдæррадзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл:цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. Нæфыдбылызты фыддæр,— афтæ схуыдта Арсен ирæды (Æфсир,N4).Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аиврадзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм Афтæдæр вæййы,зæгъгæ, уыцы радзырды.
Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазтыдæр. Ныффыста иу 
уацау (Джанаспи),иу роман (Кæфхъуындар,æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.
Арсены æхсæнадон — рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советонхицауад: фыссæг 
1939 азыхорзæхджын æрцыд орден Кады нысанæй.Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны уынгтæ.

Коцойты Арсены уацмыстæмыхуырæй цыдысты ирон газет æмæ журналты, стæй мæнæ  уыцы  хицæн  чингуытæй:
Радзырдтæ. Цхинвал, 1924;
Радзырдтæ. Мæскуы, 1927.
Радзырдтæ. Цхинвал, 1929;
Радзырдты æмбырдгонд. 1-аг чиныг, Орджоникидзе, 1934.
Фыдбылыз,Цæукъаæмæ фыркъа,Ханиффæйымæлæт,Джанаспи.Орджоникидзе, 1940.
Уацмыстæ, фыццаг том. Дзæуджыхъæу, 1949.
Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1971.
1971-æм азы рауагъд нымад у Арсены тæккæ æххæст радзырдты æмбырдгондыл

2.РадзырдДадолтымæт-ы Сымси  æмæ  йæ  бинонты  тыххæй кæм цæуы  дзырд, уыцы скъуыддзаг.

Æрдзурын скъуыддзаджымидисыл.

7.     Биганоныкæлæнты æрфыст.

8.     Бакæсынрадзырд кæронмæ.

9.     Сылгоймæгтысурæттыл æрлæууын.

Представленная информация была полезной?
ДА
59.43%
НЕТ
40.57%
Проголосовало: 1166

Арсены сфæлдыстады зынгæбынат ахсы дины проблемæ. Мæнгуырнынад æвзæрд мæгуыр æмæ талынг цардæй. Дин уыдæмæ у хицауады идейон хотых, æлдарады бындуртæ хъахъхъæнæг. Уыдта мæгуыр адæмыцардыл дины, дæсныты фыдбылызтæ.

Чи уыдысты Дадолтæ, цæуылуыд се стырдæр мæт, уыдон базондзыстут, радзырд куы бакæсат, уæд.

Радзырд фыст у æнцонæмбарæнæвзагæй. Фыссæг ам бæстон æвдисы Къамады хъæуы царды уавæртæ. Къамады адæмникуы ницы федтой æмæ талынг цард дæр уымæн кæнынц. Арсен сыл худы æмæ сын сæмитæ хурмæ хæссы.

Дæснытæн сæ митæ алы ран дæрæмхуызон вæййынц, фæлæ архайынц хицæн уавæрты. Сайынмæ тынг рæвдз сты, фæлæ дзыБиганонæн æмбал нæй уæддæр. Уый у дзырдамонд, æрхъуыдыджын. «Диссаджы» хостæамоны Дадолты бинонтæн, уыдон æрхъуыды кæнын дæр хъуыди, кæд æй зоны, ницы сынбаххуыс кæндзæн, уæддæр.

Ахæм ирд ахорæнтæй нын æйсныв кодта Арсен, æмæ цæстытыл æнцонæй ауайы. Тынг дæсны ныв кæны дзургæсурæттæ дæр.

3.   Чиныгимæкуыст. Фыццаг кæсы ахуыргæнæг, стæй та аив каст кæнынц хуыздæр чи кæсы, уыцыскъоладзаутæ.

4. Текстимæ куыст. Ссарынрадзырды, Сымси æмæ йæ бинонты тыххæй кæм дзырдæуы, уыцы скъуыддзаг. Ногæй йæбакæсын, æрныхас кæнын йæ мидисыл.

Дадолты сылгоймæгтæ Биганоныкуы федтой, уæд дзы фæтæрсæгау кодтой, зæдтимæ чи ныхас кæны, уый раз лæууынуæндгæ дæр нæ кодтой.

Бакæсын радзырды уыцы бынатногæй æмæ йыл æрдзурын.

Тынг цымыдисаг у Биганоныкæлæнты æрфыст. Раст цыма барæй архайдта æрхъуыды кæнын ахæм хостæ цæмæй сæ сæбон сæххæст кæнын мацыхуызы бауа. Æнæфенд, къуымых сылгоймæгтæ уыцы хъуыддæгтæхъуыды дæр нæ бакодтой, æмсæ сын кæй ницы феххуыс сты, уый дæр кæнынц сæхиаххос.

 

5.   Бакæсынрадзырд кæронмæ. Æрныхас кæнын сылгоймæгты сурæттыл, сæхи куыд дарынц, цæмæйбæрæг у сæ талынгдзинад. Биганон цавæр фæдфæливæн митæ кæны.

Арсен ницæйаг нæхоны Дадолтыбинонты мæт æмæ сæ фæндиæгтæ — цæуыл тыхсынц ( чындзæн цот кæй нæ цæуы,чызджыты курæг нæй), уый æмхуызон мæтаг у æнæфенд хохаг æмæ ахуыргонд горæтагæндæр. Уый у адæмы мæт дæр: чындз цот куы нæ кæна, чызг чындзы куы нæ цæуа, уæдадæм æвæстаг кæнынц.

Арсен æвдисы, царды цы уыд,уый, æвдисы йæ комизмы фæрæзтæй æмæ йæ радзырд кæрæй — кæронмæ ауагъта уыцы иууагыл.

 

IV.Аулæфт.

Цардæйист æмбисæндтыл бакусын.

V.Æрмæг ныффидар кæнын.

1.Арсеныцард æмæ сфæлдыстадыл  цыбыр афæлгæст.

2.Биганонысурæт равзарын.

3.Дадолты бинонты талынгдзинад,сæ мæт.

 

VI .Хæдзармæ куыст.Сочинени ахæм темæтæм гæсгæ:

1.  Биганоны сурæт радзырд Дадолтымæт

2.Дадолты бинонты талынгдзинады æвдисæнтæ.(тетрæдтыныффыссын)

 


Поделиться статьей
Автор статьи
Анастасия
Анастасия
Задать вопрос
Эксперт
Представленная информация была полезной?
ДА
59.43%
НЕТ
40.57%
Проголосовало: 1166

или напишите нам прямо сейчас:

Написать в WhatsApp Написать в Telegram

ОБРАЗЦЫ ВОПРОСОВ ДЛЯ ТУРНИРА ЧГК

Поделиться статьей

Поделиться статьей(Выдержка из Чемпионата Днепропетровской области по «Что? Где? Когда?» среди юношей (09.11.2008) Редакторы: Оксана Балазанова, Александр Чижов) [Указания ведущим:


Поделиться статьей

ЛИТЕЙНЫЕ ДЕФЕКТЫ

Поделиться статьей

Поделиться статьейЛитейные дефекты — понятие относительное. Строго говоря, де­фект отливки следует рассматривать лишь как отступление от заданных требований. Например, одни


Поделиться статьей

Введение. Псковская Судная грамота – крупнейший памятник феодального права эпохи феодальной раздробленности на Руси

Поделиться статьей

Поделиться статьей1. Псковская Судная грамота – крупнейший памятник феодального права эпохи феодальной раздробленности на Руси. Специфика периода феодальной раздробленности –


Поделиться статьей

Нравственные проблемы современной биологии

Поделиться статьей

Поделиться статьейЭтические проблемы современной науки являются чрезвычайно актуальными и значимыми. В связи с экспоненциальным ростом той силы, которая попадает в


Поделиться статьей

Семейство Первоцветные — Primulaceae

Поделиться статьей

Поделиться статьейВключает 30 родов, около 1000 видов. Распространение: горные и умеренные области Северного полушария . многие виды произрастают в горах


Поделиться статьей

Вопрос 1. Понятие цены, функции и виды. Порядок ценообразования

Поделиться статьей

Поделиться статьейЦенообразование является важнейшим рычагом экономического управления. Цена как экономическая категория отражает общественно необходимые затраты на производство и реализацию туристского


Поделиться статьей

или напишите нам прямо сейчас:

Написать в WhatsApp Написать в Telegram
Заявка
на расчет