Работа надизложением , текст ,и виды работы над ошибками.
Таурæгъ
Дыууæбæлццоны фæндагыл баиу сты. Сæ иу— Уастырджи, иннæ — Сауджын. Иу хъæды астæумæ бахæццæ сты, æмæУастырджи загъта:
—Цæй, чысыл аулæфæм фæндаджы фарсмæ.
Бæхтæйæрхызтысты æмæ сæидæттæйæрбастой бæласмæ.Уастырджи цалынмæ æддæдæр ауад, уæдмæ йын Сауджын йæ хордзен асгæрста: хордзены мидæг уыдис æртæ гуылыæмæ авджыдзаг. Сауджын æххормаг уыдис, гуылтæй иу фелвæстаæмæ йæ сусæгæй ахордта.
Уастырджи æрбацыд, фæсарцæй хордзен райхæлдтаæмæ йæ нæууыл æрæвæрдта. Æрбадтысты бæласы бын.
— Мæнæ диссаг, — загъта Уастырджи, — хордзены æртæ гуылы уыд, æмæ дзы дыууæ йеддæмæ куы нал ис!
— Ницы федтон, — дзуапп радта Сауджын.
Цы гæнæн ма уыд. Уастырджи сыкъа байдзаг кодта æмæскуывта:
— Хуыцæутты Хуыцау, уæдæнæ разы сыгъзæринæхцайы кæри куыд феста, ахæм ахъаз бакæн!
Æхцайы кæри сæ разы февзæрд.Уастырджи йæ дыстæбафæлдæхта æмæ кæриæртæ дихы кæны.Сауджын кæрийы алыварсрауай—бауай кæны.Нал фæлæууыд æмæ афарста:
— Дæ хорзæхæй, дыууæ йеддæмæ куы нæ стæм, уæдæхца æртæ дихы цæмæн кæныс?
— Иу хай — мæнæн, иннæ- дæу, æртыккаг та, гуыл чи адавта, уымæн,- загъта Уастырджи.
Сауджыны цинæн кæрон нал уыди:
— О, мæнæ хорз лæг, уый æз уыдтæн, æз! Баууæнд мыл. Афтæтынг æххормаг мын уыд, æмæ гуылмæ нал фæлæууыдтæн, сусæгæй йæ ахордтон.
Уыцы ныхæсты фæстæ нал дæр æхцайы кæри, нал дæр йембæлццон уыд йæ разы Сауджынæн. Фæтары сты йæ цурæй.
Урочы цыд:
1.Текстыл куыст хъуамæ райдайа ахуыргæнæджы ныхасæй адæймаджы фæзминаг æмæ фауинаг миниуджытытыххæй. Фауинаг миниуджытæй тексты бындурыл æрдзурын хъæуы гæды ныхас кæнын æмæгуыбыныл хæцын нæ фæразыныл. Скъоладзауты бафæрсæн ис, адæмон сфæлдыстадæй маацы дыууæ миниуæгыл ныхас кæм цæуы, цавæр æмбисæндтæ фехъусæн ис фыдгуыбын æмæсайæгой адæймæгты тыххæй, зæгъгæ.
Беседæйы хуызызæрдыл æрлæууын кæнын хъæудзæн Нарты кадджытæ, æмбисонд «Гæдыйы къах цыбыр у». Æмбисæндтæйуæлдай ма скъоладзаутимæ равзарæн ис кадæг «Нарты æмбырд, кæнæ Нарт чихуыздæрыл куыд дзырдтой»-йæ ист скъуыддзаг. Кадæджы Батрадз разындис гуыбыныл хæцгæ.
Тексты бындурылдзырдуатон куыст бакæнынæн фæйнæгмæ рахæссын хъæуы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ: бæлццæттæ,Уастырджи, Сауджын, фæсарц, нæуу, йеддæмæ, йе мбæлццон. Ацы дзырдтырастфыссынад амонгæйæ, ахуыргæнæг скъоладзаутимæ æвзарынц сæ нысаниуæг дæр.Уымæй уæлдай ма ахуыргæнæг беседæйы рæстæг пайда кæны, скъоладзаутæн зонгæ цыдзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ не сты, уыдонæй дæр, дзургæйæ сын амоны сæ хъуыды. Тексты уыдон сты: идон, хордзен, асгæрста, фæсарц, кæри, сгарын.
Текст фыццаг хатт бакæсыны размæ ахуыргæнæгхъуамæ зæгъа: «Æххормагæн адæймаг зынтæй фæразы, фæлæ алцæмæн дæр ис æгъдау. Цытекстмæ байхъусдзыстут, уым персонажтæй иу уыцы æгъдауы сæрты ахызтис. Йæгуыбыныл хæцын кæй нæ зыдта, уый тыххæй стыр рæдыд æруагъта. Цавæр рæдыдæрцыд, цымæ, таурæгъы персонажыл? Дзуапп мын ратдзыстут текстмæ байхъусыныфæстæ».
2. Ахуыргæнæг кæсы текст.
3. Тексты бындурыл арæзт беседæ:
— Цавæр рæдыдæруагъта Сауджын?
— Куыд фæрæдыдисдыккаг хатт та?
— Цæуылнæ басастисСауджын, гуыл кæй адавта, ууыл?
— Куыд скуывтаУастырджи Хуыцаумæ?
— Цæуыл дис кодтаСауджын?
— Цавæр дзуапп радтаУастырджи Сауджынæн?
— Цæуыл бацин кодтаСауджын?
— Цæмæн фесæфтыстыУастырджи æмæ æхцайы кæри Сауджыны разæй?
— Цæуыл нæ ахуыр кæнытаурæгъ?
— Текстæн сæргонд æрхъуыдыкæнын.
4. Текстыструктурон æвзæрст.
— Цавæр у текстйæ хуызмæ гæсгæ? (таурæгъон текст: цаутæ хъæрæдзи ивынц, фылдæр дзы æмбæлымивдисджытæ æмæ фæрсдзырдтæ).
— Текст таурæгъкæй у, ома адæмон сфæлдыстадæй ист кæй у, ууыл йæ цавæр æууæлтæ дзурынц? (исдзы таурæгъы элементтæ: дзырдтæ – цы гæнæн ма уыд; Уыцы ныхæстыфæстæ нал дæр …., архайджытæ дзы сты Сауджын æмæ Уастырджи, ХуыцæуттыХуыцау; тексты æвзаг у хуымæтæг, æмæ а.д.).
— Цал абзацæйарæзт у текст? Цæмæн? (алы абзац дæр æвдисы ног хъуыдыйы райдайæн).
Æркæсæм,хъуыдыйæдтæ абзацты куыд баст сты, уымæ. Зæгъæм, фыццаг абзац:
Дыууæ бæлццоныфæндагыл баиу сты. Сæ иу — Уастырджи, иннæ — Сауджын. Иу хъæды астæумæ бахæццæсты æмæ Уастырджи загъта: -Цæй, чысыл аулæфæм фæндаджы фарсмæ.
Фыццаг дыууæхъуыдыйады баст сты цæгон-номивæгон бастдзинадæй, æртыккаг хъуыдыйад уæнæххæст, цухгонд дзы æрцыдысты сæйраттæ.
Текстыхъуыдыйæдтæ æнгом баст цæуынц диалогон ныхасы фæрцы дæр, фарстон æмæ дзуаппонхъуыдыйæдтæй.
5.Текстыпъланыл куыст.
Текстæнахуырдзаутимæ иумæ скæнæн ис ахæм пълан:
1. Дыууæ бæлццоны фæндагыл баиу сты.
2. Бæлцæттæ фæндаджы фарстмæ æрлæууыдысты.
3. Сауджын хордзенæй сусæгæй иу гуыл фелвæста.
4. Сауджын нæ басаст, гуыл кæй адавта, ууыл.
5. Уастырджи сыкъа байдзаг кодта æмæ скуывта.
6. Бæлццæтты раз æхцайы кæри февзæрд.
7. Сауджыны цинæн кæрон нал уыди.
8. Уастырджи æмæ æхцайы кæри æрбайсæфтысты.
Куыд уынæм,афтæмæй изложенийы пълан арæзт у хи хъуыдыгонд æмæ текстæй ист хъуыдыйæдтæй.Фæлæ архæйдтытæ сæ кæрæдзи тагъд кæй ивынц, уымæ гæсгæ изложенийы пълансаразæн уыд æрмæст текстæй ист хъуыдыйæдтæй дæр.
6.Тексты æвзаджы анализ.
1). Ссарын синонимтæ дзырдтæ æмæдзырдбæстытæм: бæлцæттæ (фæндаггонтæ), баиу сты (фембæлдысты), аулæфæм (нæфæллад суадзæм), асгæрста (федта), фелвæста (адавта), ахъаз бакæн (баххуыскæн), кæри æртæ дихы кæны (æртæ хайы кæны), баууæнд мыл (бауырнæддæ), фæтары сты (фесæфтысты) æмæ а.д.
Бацамонын æнгом дзырдбаст сауджыны цинæнкæрон нал уыди-йы нысаниуæг.
Тексты æмбæлы комкоммæ ныхас, вазыгджынхъуыдыйæдтæ. Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй скъоладзаутæ арæх фæрæдийынц ацысинтаксисон арæзтытæ фæлхат кæнгæйæ. Ахæм рæдыдтытæ бафæдзæхсынæн хорз урагацау синтаксисон синонимтыл бакусын. Зæгъæм:
Иу хъæдыастæумæ бахæццæ сты æмæ Уастырджи загъта:
-Цæй, чысылаулæфæм фæндаджы фарсмæ.
(Иу хъæдыастæумæ куы бахæццæ сты, уæд Уастырджи загъта, фæндаджы фарсмæ чысыл аулæфæм,зæгъгæ);
Уастырджи цалынмæ æддæдæр ауад, уæдмæ йынСауджын йæ хордзен асгæрста (Уастырджи æддæдæр куы ауад, уæд ын Сауджын йæхордзен асгæрста);
Сауджын æххормагуыдис, гуылтæй иу фелвæста æмæ йæ сусæгæй ахордта (Сауджынæн æххормаг кæйуыдис, уымæ гæсгæ гуылтæй иу фелвæста æмæ йæ сусæгæй ахордта);
Хордзены æртæгуылы уыд, æмæ дзы дыууæ йедтæмæ куы нал ис!
( Хордзеныæртæ гуылы куы уыд, уæд дзы дыууæ йедтæмæ куы нал ис!);æмæ а.д.
2). Схемæтæм гæсгæ, текстыл æнцой кæнгæйæ, вазыгджынхъуыдыйæдтæ саразын: куы – уæд, куыд – ахæм, афтæ – æмæ.
Схемæтæм гæсгæ саразын хъуыдыйæдтæ комккоммæныхасимæ:
3). А : « К.» æ). А : « К?» б). « К», -а. в). « К, — а, — к .»
4). Æрмæстмивдисджытæй пайда кæнгæйæ, абзацты цаутæ радзурын: æрхызтысты, æрбастой, ауад, асгæрста, æххормаг уыдис, фелвæста, ахордта, æрбацыд,райхæлдта, æрæвæрдта, æрбадтысты.
Зæгъын, куыд æххуыс сты мивдисджытæ, цаутæ кæрæдзикуыд ивынц, уый æвдисынæн.
5). Хъуыдыйады сраст кæнын дзырдты рæнхъæвæрд:
Сæ разы кæрийы æхца фестад; уыцы ныхæсты фæста налкæри дæр, нал Сауджын дæр; æртыккаг та уымæн, чи адавта гуыл; æмæ а.д.
6). Хъуыдыйад кæронмæ ахæццæ кæнын:
Уастырджи цалынмæ æддæдæр ауад, уæдмæ … .
7). Хъуыдыйадсинтаксисон æвзæрст ракæнын, сæвæрын æрхæцæн нысæнттæ, бацамонын сын сæрастæвæрд:
— ХуыцæуттыХуыцау, уæдæ нæ разы сыгъзæрин æхцайы кæри куыд феста, ахæм ахъаз бакæн!
8). Хъуыдыйæдтæ, къæлæтты æвæрд дзырдтæй пайдакæнгæйæ, кæрæдзиуыл бабæттын.
Æхцайы кæри сæразы февзæрд. Уастырджи … дыстæ бафæлдæхта æмæ кæри æртæ дихы кæны. … кæрийыалыварс рауай-бауай кæны. … нал фæлæууыд æмæ афарста.
(йæ, уый, Сауджын)
9. Ацы текстылкусгæйæ дæр та атасындзæг кæнын хъæудзæн цæсгомон номивджытæ сæ æлвæстформæтимæ: уый (æй, йæ, ын, æм, дзыл,ыл,йемæ), семæ саразындзырдбæстытæ. Синтаксисон æвзæрст ракæнын хъæуы, тексты мидæг ацы номивджытæйпайдагонд кæм æрцыд, ахæм хъуыдыйад.
Текстæй рафыссын хъæуы, æлвæст номивджытæ кæм æмбæлы, уыцы дзырдбæстытæ: æрбастой сæ, уæдмæ йын, йæ хордзен, æмæ йæ ахордта, æмæ дзы дыууæ йеддæмæкуы нал ис, баууæнд мыл, æххормаг мын уыд, сусæгæй йæ ахордтон.
ИЗЛОЖЕНИЙЫ РÆДЫДТЫТЫЛ КУЫСТ
Методикæ куыд амоны, афтæмæй фысгæ куыстытырæдыдтытыл бакусынæн хъæуы сæрмагонд урок.
Изложенийы рæдыдтытыл куыст райдайыорфографион рæдыдтытæ æвзарынæй. Фæлæ изложени ныхасы рæзтыл куысты хуыз кæй у,уымæ гæсгæ урочы фылдæр рæстæг хардз кæнын хъæуы ныхасы рæдыдтытæ равзврыныл.Растфыссынады æгъдæуттыл æрдзурынæн хардзгонд хъуамæ цæуа æрмæст 10-15 минуты.Урочы куыст цæуы æрмæст 5-7 типикон рæдыдыл (сколадзауты фылдæр хай цырæдыдтытæ скодта, уыдоныл).
Орфографион рæдыдтытæравзарынæн æнæмæнг хъæуы таблицæ саразын. Таблицæйы фыст цæуынц, фылдæрсывæллæттæ кæм фæрæдыдысты, уыцы дзырдтæ, амынд цæуынц сæ растфыссынадыæгъдæуттæ, дæнцæгтæн та ахуырдзаутæ таблицæйы бафыссынц текстæй ист дзырдтæ.Афтæмæй, урочы, 5-7 дзырды растфыссынадыл дзургæйæ, æвзæрст æрцæуынц 10-15текстæй ист дзырды. Зæгъæм:
Дзырд |
Орфографион æгъдау |
Дæнцæг |
дыууæ |
Дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад |
Иннæ, бахæццæ, æххормаг, нæууыл, фæлæууыд, æххормаг, баууæнд. |
загъта — зæгъын |
Æзылангон æмхъæлæсон йæхи хуызæн кæны зылангоны |
Асгæрста, æрхызтысты, скуывта, адавта. |
авджыдзаг |
Вазыгджын дзырдты растфыссынад |
сыгъзæрин, рауай-бауай
|
ахордта |
Ивгъуыд афоны мивдисджыты кæрæтты растфыссынад |
райхæлдта, æрæвæрдта, æрбадтысты, федтон, уыдтæн, ахордтон, фæлæууыдтæн
|
баиу сты |
Вазыгджын мивдисджыты растфыссынад |
бахæццæ сты æххормаг уыдис, байдзаг кодта
|
Иумæйагæй, амынд уроктæй æртыккаджы цыизложенийы текст лæвæрд цæуы, уым æмбæлы ахæморфограммæтæ:
1. Сæрмагондномдарты растфыссынад: Уастырджи, Сауджын.
2.Дзырдтырастфыссынад дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ: дыууæ, бæлццоны, иннæ, бахæццæ,æххормаг, нæууыл, диссаг, Хуыцæутты, идæттæй, фæлæууыд, æртыккаг, æххормаг,баууæнд, æддæдæр.
3. Зылангон æмææзылангон æмхъæлæсонты растфыссынад: загъта, асгæрста, æрхызтысты, загъта,скуывта, адавта,
4. Вазыгджынмивдисджыты растфыссынад: баиу сты, бахæццæ сты æххормаг уыдис, байдзагкодта.
5. Вазыгджындзырдты растфыссынад: авджыдзаг, сыгъзæрин, рауай-бауай.
6. Ивгъуыд афонымивдисджыты (кæрæтты) растфыссынад: ахордта, райхæлдта, æрæвæрдта,æрбадтысты, федтон, уыдтæн, ахордтон, фæлæууыдтæ.
7. Хайыгтырастфыссынад: йеддæмæ, куы нал, ницы.
8. Хъæлæсонтыæлвæстад: йе мбæлццон.
Орфографионрæдыдтытæ равзарыны фæстæ урочы бакусын хъæуы цалдæр пунктуационрæдыдыл дæр. Æркæсын хъæуы,скъоладзаутæ фылдæр цы пунктуацион рæдыдтытæ ныууагътой, уыдонмæ. Зæгъæм, ацытексты ахуырдзаутæм зындæр фæкæсы вазыгджын хъуыдыйæдты æрхæцæн нысæнттæ растсæвæрын. Пунктуацион нысæнттæ раст нæ сæвæрынц, комкоммæ ныхас кæм æмбæлы, уыцыхъуыдыйæдты. Нæ сарæхсынц æнæххæст хъуыдыйæдты цухгонд уæнгтæ пунктуационæгъдауæй фæнысан кæнынмæ. Зæгъæм:
1. Сæ иу -Уастырджи, иннæ — Сауджын.
2. Уастырджицалынмæ æддæдæр ауад, уæдмæ йын Сауджын йæ хордзен асгæрста: хордзены мидæгуыдис æртæ гуылы æмæ авджыдзаг.
3. — Мæнæдиссаг, загъта Уастырджи, — хордзены æртæ гуылы уыд, æмæ дзы дыууæ йедтæмæ куынал ис!
4. — Дæхорзæхæй, дыууæ йеддæмæ куы нæ стæм, уæд æхца æртæ дихы цæмæн кæныс?
5. — Иу хай -мæнæн, иннæ — дæу, æртыккаг та, гуыл чи адавта, уымæн, — загъта Уастырджи.
Урочы, иухъуыдыйады пунктуацион рæдыдтытыл дзургæйæ, ахуырдзаутæ сæ куыстытæй хæссынцдæнцæгтæ, кæсынц, æрхæцæн нысæнттæ цы хъуыдыйæдты нæ сæвæрдтой, уыдон. Афтæмæйта ам дæр къухы бафты цалдæр рæдыдыл æрдзурын.
Пунктуационрæдыдтытыл бакусынæн хорз у иу хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст ракæнын.
Изложенийырæдыдтытыл кусгæйæ, сæйрагдæр у ныхасы рæдыдтытæ равзарын. Ныхасы рæдыдтытыл нымад сты:
— лексикон рæдыдтытæ (дзырдæй раст не спайда кæнын; лексикон бастдзинадынормæтæм хъус не ’рдаргæйæ, дзырдтæ кæрæдзиуыл бабæттын; дзырдты арæзт фехалын;æнгом дзырдбастæй раст не спайда кæнын). Ацы текст ныффысгæйæ, скъоладзаутæфылдæр цы лексикон рæдыдтытæ скæнынц, уыдон сты: Уастырджи арахъ нывгæдта,Сауджын аскъæфта хордзен, дыууæ йедтæмæ куннæ ис, йæ дыстæ скъæдз кодта,хæринаг мын уыди, сæ разы сыгъзæринтæ фестадысты; йе ’хцайы кæри цыдæр баис, нæразы нын æхцайы кæри куыд суа, æхца дих кæнын райдыдта æртæ дихыл, дыууæбæлццоны иумæ баиу сты; йерын та, бауырн мыл; лæгæн фырцинæй æрлæууæн дæр налуыд;
— грамматикон рæдыдтытæ (дзырдты грамматикон формæтæй раст нæ пайдакæнын). Сæ хуызтæм гæсгæ вæййынц морфологион æмæ синтаксисон. Морфологионрæдыдтытæ бацамонæн ис, скъоладзаутæ дзырдты формæты ивынадимæ зонгæ кæй нæвæййынц, уымæй. Арæхдæр фысгæ ныхасы уагъд æрцæуы номдарты бирæон нымæцаразгæйæ кæнæ цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæй пайда кæнгæйæ. Зæгъæм: хъуссæгтæ(хъуссæджытæ), куырмтæ (куырмытæ), кæркытæ (кæрчытæ); систа сыкъа æмæ дзыарахъæй байдзаг кодта (дзы), сауджын йын зæгъы (ын), æз йæ бафарстон (æй).
Синтаксисонрæдыдтытыл нымад сты, скъоладзаутæ синтаксисон иуæгтæ (дзырдбæстытæ,хъуыдыйæдтæ) аразгæйæ цы рæдыдтытæ скæнынц, уыдон. Зæгъæм: рæдыдтытæ хъуыдыйадыдзырдты рæнхъæвæрды (Иу гуылтæй фелвæстон, æххормаг уыд мын)уæд ын уый йын йæ дзæкъул асгæрстаÆз адавтон гуыл æмæ сусæгæй бахордтонзагътой дзуаппæнСауджын).
Ныхасы рæдыдтытæсырх хаххы æдде нысангонд цæуынц дамгъæ Н-йæ.
Хицæнæй иртасынц стилистикон, логикон æмæ фактон рæдыдтытæ.
Стилистикон рæдыдтытæсты: синонимтæй раст нæ пайдакæнын (Уастырджи йе стакъан байдзаг кодта), æмуидагон дзырдтæ фæрсæй—фæрстæм æвæрын (иумæ баиу сты), номивджытæй раст нæ пайда кæнын, тексты сæ арæзтмæ гæсгæ æмхуызон хъуыдыйæдтæй пайда кæнынныхасы штамптæй, æнкъарæнджын ахуырст дзырдтæй æнæхъуаджы пайда кæнын æмæ æнд.
Логикон рæдыд у тексты хъуыдыйæдтæ раст фæткыл нæ равæрын, сæбастдзинады мадзæлттæй раст не спайда кæнын.
Изложенийы текстæмæ скъоладзауы куыст сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзийæ куы фæхицæн кæнынц, уæд уыйвæййы фактон рæдыдыл дзурæг.
Ныхасы рæдыдтытыл бакусынæн ахуыргæнæграгацау бацæттæ кæны фæлтæрæнтæ, кæцытæ сæ нысаниуæг æмæ сæ хæстæм гæсгæ æнгомбаст вæййынц скъоладзауты куыстытимæ. Фæлтæрæнтæ арæзт вæййынц, куыстыты цырæдыдтытæ фембæлы, уыдонмæ гæсгæ. Цæмæй сæ равзарыныл куыст ахадгæдæрæй ацæуа,уый тыххæй фæйнæгмæ рахæссын фæхъæуы цалдæр дæнцæджы рæдыдимæ, бакæсын сæ кæнынахуырдзаутæн, иумæ сæ равзарын, куыстыты ма ссарын се ’нгæс рæдыдтытæ.
Ныхасы рæдыдыдтытыл бакусынæн бацæттæгæнæн исахæм куысты хуызтæ:
1). Хъуыдыйад кæнæ тексты скъуыддзаджырæдыдтытæ сраст кæнынмæ арæзт куысты хуызтæ. Зæгъæм:
— лæвæрд хъуыдыйады дзырдты рæнхъæвæрд срасткæнын;
-синтаксисон бастдзинады мадзæлттæй растпайда кæнгæйæ, хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл бабæттын;
— стилистикон рæдыд сраст кæнынæн синонимтырæнхъæй æмбæлгæ дзырд равзарын;
— хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст ракæнын;
— хъуыдыйады уæлдай дзырд сбæрæг кæнын, кæнæта цухгонд дзырд баххæст кæнын;
— къæлæттæ гом кæнгæйæ, дзырдтæ кæрæдзиуылраст бабæттын;
— комкоммæ ныхасæй фæрссаг ныхас саразын,кæнæ фæрссаг ныхасæй – комкоммæ ныхас;
— хъуыдыйад фæхъæздыгдæр кæнынбæрæггæнæнтæй, æнгом дзырдбæстытæй, бавæргæ дзырдтæй, сидæнтæй, иртæстгонд æмææмхуызон уæнгтæй æмæ æнд.
2). Дзырдты рæдыдтытæ сраст кæнынæн лæвæрдфæлтæрæнтæ:
— дзырдтæ атасындзæг кæнæ аифтындзæг кæнын(цавæр ныхасы хай уа, уымæ гæсгæ);
— дзырдтæм синонимтæ кæнæ антонимтæ ссарын;
— дзырдмæ æмуидагон дзырдтæ ссарын;
-дзырдтæ морфологион, лексикон, морфемикон(дзырды хæйттæм гæсгæ), фонетикон æвзæрстæй равзарын;
— дзырдтимæ дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæсаразын;
— дзырдты цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнын,бацамонын сын сæ æвæрд æмæ æнд.
